Илиа Дарчиашвили - OSCE-имæ æмгуыстад  нысаниуæгджын у, нæ бæстæйæн OSCE-йæ æххуыс у  фидар, цæмæй  бæстæ  бафæраза абон уæвæг  быцæусидтытæн
Илиа Дарчиашвили - OSCE-имæ æмгуыстад нысаниуæгджын у, нæ бæстæйæн OSCE-йæ æххуыс у фидар, цæмæй бæстæ бафæраза абон уæвæг быцæусидтытæн

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа дарчиашвилийы фидиуæнæй,  Гуырдзыстонæн  иттæг нысаниуæгджын у  OSCE-имæ æнгом æмгуыстад.

Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ OSCE-ы  æххуыс   Гуырдзыстонæн сæрмагондæй тыхджын у, уымæн æмæ бæстæ  бахъом уа  абон уæвæг æртхъирæнтæн.

Уыимæ, Илиа Дарчиашвилийы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,  куыд  алы  организацийы,  OSCE-ы дæр Украинайы алыварс  уæвæг   фæзындтæ, Украинайы  ныхмæ  Уæрæсейы  æфсæддон агресси у, сæйраг  фарста æмæ алы  уæнг  бæстæ  мобилизацигонд сты растдæр ацы фарстайы алыварс.

«OSCE-ы  уæнг  бæстæтæ  цæугæ  министериалы  фæлгæтты дыууæ боны  дæргъы кусынц, куыд   æрцæуа консолидацидзинад, фылдæр  коорднацидзинад, цæмæй бахъом уой ацы вазыгджын   æртхъирæнæн нæ регионы.  Нæ бæстæ, цæй зæгъын æй хъæуы,  бавдыст стæм  ацы  платформæйыл. Министериалы фæлгæтты, нын уыдис фадат, фæныхас кодтаиккам  афтæдæр Гуырдзыстоны фæдыл.  Нæ бæстæйы  быцæусидтытæ, оккупаци, афтæма уыцы   зындзинæдтæ, кæцытыл  хæрхæмбæлд цæуы нæ бæстæ  абон – ацы æрдгæй дæр нæ партнертæ активонæй  нын ныфс æвæрынц  фарсдарын», –  райхъусын кодта  Илиа Дарчиашвили.

Иурæстæгонæй Илиа Дарчиашвили  банысан кодта, цæмæй  Украинайæн Гуырдзыстоны  фарсхæцын у бæрæг.

«Кæддæриддæр   дзурæм, цæмæй  йæ фарс хæцæм   Украинайы  территорион  æнæхъæндзинадæн, суверенитетæн æхсæнадæмонæй  нымад арæнты  фæлгæтты.   Партнертимæ иумæ, адарддæр кæндзыстæм уыцы фæндаг,  кæцы нын ныры онг уыд  идентифициргонд  фарсхæцыны æрдгæй», – банысан кодта Илиа Дарчиашвили.