Илиа Дарчиашвили  официалон визитæй  Израилы Паддзахадмæ  ныццыд
Илиа Дарчиашвили официалон визитæй Израилы Паддзахадмæ ныццыд

Гуырдзыстоны фæсарæн хуъыддæгты министрИлиа Жарчиашвили  официалон визитæй   Израилы Паддзахадмæ   ныццыд.

Визиты фæлгæтты  къух бафыст æрцыд  Гуырдзыстоны æмæ Израилы Паддзахады æхсæн  сæрибар базарады  бадзырды фæдыл   иртасæны  фæуды иумæйаг деклараци.

Гуырдзыстоны æрдгæй   декларацийыл  къух бафыста Илиа Дарчиашвили, æрмæст Израилы  æрдгæй  та, Израилы  экономикæйы æмæ  индустрийы  министр Нир Баркат.

Къухбафыссыны  церемонийы  онг  ацыд министры фембæлд  Израилы  эконмоикæйы æмæ   индустрийы   министримæ. Фембæлды фæлгæтты   æркастысты  дыууæфарсон æмæ  бирæфарсон   æмгуыстады  бонвæткы  уæвæг   актуалон    фарстатæ. Бахахх ис   æмгуыстады  стыр   потенциал экономикон æрдæмадæй, кæцы йæ  хъуыдыйы дары дыууæфарсон   базарад, инвестициты  æмæ туризмы  сферæтæ.

Дыууæбонон  визиты фæлгæтты  Илиа Дарчиашвили  фембæлдзæн  йæ израилаг коллегæ  министр, Эли Коенимæ æмæ  Израилы паддзахады  президент, Ицхак Херцогимæ.

Афтæма  плангонд сты фембæлдтæ  Кнесеты  сæрдаримæ, экономикæйы, туризмы æмæ  мидхъуыддæгты  министртимæ.

Фæсарæн хъуыддæгты министр «Ияд Вашемы»  Холокосты  мемориалыл гуырдзиаг адæмы номæй   дидингуытæ сæвæрдзæн.

Информаци   публикаци кæны  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады  пресскуыст.