Илиа Дарчиашвили официалон визитæй Израилы Паддзахадмæ ныццыд
Гуырдзыстоны фæсарæн хуъыддæгты министрИлиа Жарчиашвили официалон визитæй Израилы Паддзахадмæ ныццыд.
Визиты фæлгæтты къух бафыст æрцыд Гуырдзыстоны æмæ Израилы Паддзахады æхсæн сæрибар базарады бадзырды фæдыл иртасæны фæуды иумæйаг деклараци.
Гуырдзыстоны æрдгæй декларацийыл къух бафыста Илиа Дарчиашвили, æрмæст Израилы æрдгæй та, Израилы экономикæйы æмæ индустрийы министр Нир Баркат.
Къухбафыссыны церемонийы онг ацыд министры фембæлд Израилы эконмоикæйы æмæ индустрийы министримæ. Фембæлды фæлгæтты æркастысты дыууæфарсон æмæ бирæфарсон æмгуыстады бонвæткы уæвæг актуалон фарстатæ. Бахахх ис æмгуыстады стыр потенциал экономикон æрдæмадæй, кæцы йæ хъуыдыйы дары дыууæфарсон базарад, инвестициты æмæ туризмы сферæтæ.
Дыууæбонон визиты фæлгæтты Илиа Дарчиашвили фембæлдзæн йæ израилаг коллегæ министр, Эли Коенимæ æмæ Израилы паддзахады президент, Ицхак Херцогимæ.
Афтæма плангонд сты фембæлдтæ Кнесеты сæрдаримæ, экономикæйы, туризмы æмæ мидхъуыддæгты министртимæ.
Фæсарæн хъуыддæгты министр «Ияд Вашемы» Холокосты мемориалыл гуырдзиаг адæмы номæй дидингуытæ сæвæрдзæн.
Информаци публикаци кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады пресскуыст.