Илиа Дарчиашвили – Мюнхены конференцийы фæлгæтты мобилизаци кæнæм  нæ хæлæртты æмæ партнерты уыцы  иттæг нысаниуæгджын фартаты алыварс, кæцы приоритетон сты Гуырдзыстонæн
Илиа Дарчиашвили – Мюнхены конференцийы фæлгæтты мобилизаци кæнæм нæ хæлæртты æмæ партнерты уыцы иттæг нысаниуæгджын фартаты алыварс, кæцы приоритетон сты Гуырдзыстонæн

Кусæм  нæ  партнертимæ, цæмæй Гуырдзыстонæн уа фидар   фарсхæцджытæ, –  уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн  хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили   райхъусын кодта Мюнхены.

Афтæма йæ  дзырдæй, сæйраг темæ  æмæ сæйраг фокус  афтæдæр  у  Гуырдзыстоны Ервопаг  интеграци.

«Кусæм нæ партнертимæ, цæмæй  Гуырдзыстонæн уа   фидар  фарсхæцджытæ. Знон  тынг цымиисон   бадзырдтæ рауад  Францы  ногнысангонд æсарæн хъуыддæгты министримæ,  кæцы  мын йæ бæстæйы  фарсхæцыны тыххæй  загъта.  Абон  нырид немыцаг  партнертимæ  адарддæр   кæндзыстæм  ацы фарстаыл   уынаффæ,  уымæн æмæ нымайæм, цæмйæ  растдæр  Франц æмæ  Германи, дыууæ  тыхджын  бæстæ  Евроцæдисы мидæг,  хъуамæ  уой  фæдфæдон  ацы  фарсхæцыны. Афтæдæр нын уыд тынг цымидисон фембæлдтæ  АИШ-ы делегациимæ, бæстæйы, кæцы у нæ сæйраг стратегион партнер.

Мюнхены конференцийы  фæлгæтты, Гуырдзыстоны делегацийы хайад райст уыдис  фæстиуæгджын æмæ ацы фæстиуæг  у уый, цæмæй  нæ  хæлæртты æмæ  партнерты мобилизаци  кæнæм уыцы  иттæг нысаниуæгджын фарстаты алыварс, кæцытæ хъыгдарынц нæ бæстæ, кæцы сты  приоритетон  Гуырдзыстонæн æмæ уый  у махæн номыр фыццаг, сæйраг приоритеттæ», –   банысан кодта Илиа Дарчиашвили.