Илиа Дарчиашвили Люксембургы Стыр Герцогады вице-премьеры, Ксавье Бетелы хуындæй  æнæформалон фембæлды райста хайад
Илиа Дарчиашвили Люксембургы Стыр Герцогады вице-премьеры, Ксавье Бетелы хуындæй æнæформалон фембæлды райста хайад

 

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр  Илиа Дарчиашвили  Люксембургы Стыр Герцогады  вице-премьеры, фæсарæн хъуыддæгты министр, Ксавье  Бетелы хуындæй  æнæформалон мадзалы  райста хайад, кæцы  Кссавье Бетелы  инициативæйæ ацыд.

Фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, æнæформалон фембæлдыл  афтæдæр уыдысты Евроцæдисы уæнг, партнер æмæ кандидат бæстæты фæсарæн хъуыддæгты министртæ.

«Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвилийæн   уыдис фадат   фæныхас кодтаит  коллегæ министртимæ æмæ уыдонæн  бадæттаит  информаци  Гуырдзыстоны евроинтеграцийы  боны фæткы  æмæ рекомендациты сыххæсты динамикæйы  фæдыл.

Мадзалы хайадисæг  фæсарæн хъуыддæгты министртæн  афтæдæр уыдис  аудиенци  Люксембургы  Стыр Герцог  Анриимæ.

Фембæлды фæдыл  социалон хызæгты ныффыста  Люксембургы монархы  кæнт», –  банысангонд у  æддагполитикон уагдоны информацийы.