Илиа Дарчиашвили лиетувæйаг  коллегæ, Габриелиус Ландсбергисимæ фембæлдис
Илиа Дарчиашвили лиетувæйаг коллегæ, Габриелиус Ландсбергисимæ фембæлдис

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили, Вильнюсы, НАТО-йы  саммиты фæлгæтты  лиетувæйаг   коллегæ,   Габриелиус Ландсбергисимæ фембæлдис.

Æддагполитикон  уагдоны информацийæ,  фембæлдыл   Илиа Дарчиашвили  раарфæ кодта   Габриелиус   Ландсбергисæн  саммиты   бæрзонд æмвæзадыл  организацидзинады æмæ фысымдзинады  тыххæй. Афтæма  бахахх ис  Вильнюсы   НАТО-йы  саммитыл  Гуырдзыстоны   хайады   нысаниуæг  æмæ  Лиетувæйы фарсдарын.

Уагдоны  хъусинагæй,  банысан ис, цæмæй  саммит фæстиуæгджын уыдзæн куыд НАТО-мæ Гуырдзыстоны  интеграцийы, афтæ  альянсы   æрдгæй   Гуырдзыстонæн  хъæддых фасрхæцын равдисыны  цæстæнгасæй.

Министрады информацийæ,  фембæлдыл  фарсытæ   хъусдард   раздæхтой   дыууæ бæстæйы  æнтыстджын   æмгуыстадмæ куыд  дыууæфарсон, афтæ  бирæфарсон   форматты  æмæ уæвæг  потенцилыл    партнерон  ахастыты   дарддæры  райтынг кæныны æрдгæй.