Илиа Дарчиашвили  Израилы президент Ицхак Херцогимæ фембæлдис
Илиа Дарчиашвили Израилы президент Ицхак Херцогимæ фембæлдис

Израилы  паддзахадмæ официалон визиты фæлгæтты, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили  фембæлдис Израилы  президент Ицхак Херцогимæ.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады пресскуысты  хъусинагæй,  фембæлдыл  хъусдард здæхт уыдис  Гуырдзыстоны æмæ Израилы æхсæн  дыууæфарсон  æмæ  бирæфарсон  æмгуыстады  нысаниуæгджын фарстатæм.

«Фæнысан ис бæстæты æхсæн традиционæй  хæлар ахастытæ.

Фембæлды  кæрон фарсытæ  ноджы иу хатт  сбæлвырд кодтой   цæттæдзинад, адарддæр кæной  æнгом æмгуыстад  куыд дыууæфарсон  афтæ  бирæфарсон  форматты.

Ицхак Херцог  ноджы иу  хатт   Израилы Падздахады номæй   бæлвырд  равдыста  фарсдарын Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн», –  банысангонд у  фæсарæн хъуыддæгты министрады  информацийы.