Илиа Дарчиашвили Израилы президент Ицхак Херцогимæ фембæлдис
Израилы паддзахадмæ официалон визиты фæлгæтты, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили фембæлдис Израилы президент Ицхак Херцогимæ.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады пресскуысты хъусинагæй, фембæлдыл хъусдард здæхт уыдис Гуырдзыстоны æмæ Израилы æхсæн дыууæфарсон æмæ бирæфарсон æмгуыстады нысаниуæгджын фарстатæм.
«Фæнысан ис бæстæты æхсæн традиционæй хæлар ахастытæ.
Фембæлды кæрон фарсытæ ноджы иу хатт сбæлвырд кодтой цæттæдзинад, адарддæр кæной æнгом æмгуыстад куыд дыууæфарсон афтæ бирæфарсон форматты.
Ицхак Херцог ноджы иу хатт Израилы Падздахады номæй бæлвырд равдыста фарсдарын Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн», – банысангонд у фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийы.