Илиа Дарчиашвили – фæнды мæ зæгъон алкæмæн дæр, кæцы тох кæны нæ бæстæйы æмæ уыцы хæзна, кæцы алы æмбæстагæн дæр тынг зынаргъ у, уыдонæн йæ бон ницæмæй бахъыгдардзæн
Фæнды мæ зæгъон алкæмæн дæр, кæцытæ нысанмæздæхтæй тох кæнынц нæ бæстæйы æмæ ныхмæ, кæцы алы æмбæстагæн тынг ахадгæ у, уыдонæн ницы хуызы бахъыгдардзысты йæ бон – расидтис æттаг хъуыдтæгты министр, Дарчиашвили Илья.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, «Гуырдзиаг Бæллиццы» стыр тыхархайд бахардз кодта, цæмæй Гуырдзыстон суа европæйаг бинонты аккаг уæнг.
«Уæ зæрдыл æрлæууын кæндзынæн нæ ныхмæлæуджыты хиуылхæцындзинад, цæмæй Гуырдзыстон ма райстаид визалиберализаци, Гуырдзыстон ма уыдаит Евроцæдисы ассоциргонд уæнг, ма уыдаит уыцы льготæтæ, кæцытæ комкоммæ нысангонд сты нæ адæмæн, æмæ мах ахуыр ыл сты. Хъыгагæн, сæ тыхархайдæй дон калынц комкоммæ нæ бæстæйы интересты ныхмæ. Мах нал уырны, æнæбары исчи афтæ кæй кæны, уый. Уыдон сты нæ бæстæйы ныхмæ æнæбары арæзт къахдзæфтæ. Уый адæм иттæг хорз уынынц, иттæг хорз ын аргъ кæнынц. Фæнды мæ зæгъын алкæмæн дæр, кæцытæ нысанмæздæхтæй тох кæнынц нæ бæстæйы ныхмæ, тох кæнынц уыцы æнтыстимæ, кæцы нæ бæстæйæн ис æмæ кæцы тынг ахадгæ у алы æмбæстагæн дæр – уыдонæн сæ бон нæу ницы хуызы зиан æрхæссын.