Страсбургмæ кусæн визиты фæлгæтты, фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили фембæлд ауагъдта еврокомиссаримæ экономикæйы фарстаты, Паоло Джентилониимæ.
Фембæлды æркастысты цæмæй куыд æххæст кæны Гуырдзыстон Еврокомиссийы 12 рекомендаци. Министр Еврокомиссарæн æххæст информаци бавдыста Гуырдзыстоны ацы æрдгæй арызт къахдзæфты æмæ баххæсгæ фæстиуджыты фæдыл. Илиа Дарчиашвили ныфс равдыста цæмæй Гуырдзыстоны тыхархайдæн æмбæлгæ аргъ уыдзæн лæвæрд æмæ бæстæйæн ратдзысты кандидаты статус.
Уыимæ банысан ис, цæмæй реформæты ауадзыны процесс цæуы Евроцæдисы æмбæлгæ институцитимæ æнгом æмкуыстгæнгæйæ, афтæма Венецийы Комиссийы æмæ OSCE/ODIHR-ы рекомендацитæм æмбæлгæйæ.
Бахахх ис Евроцæдисимæ арф æмæ æппæтылæххæссæг уæгъдибар базарадон тыгъдады фæдыл бадзырд æмæ йæ нысаниуæг Гуырдзыстоны æмæ бæстæйы бизнессекторы райрын кæнынæн, æвæрццаг аргълæвæрд уыд бадзырды имплементацийы процессы цыдæн.
Фарсытæ бахахх кодтой афтæдæр Евроцæдлисимæ секторон интеграцийы æнæмæнгхъæуындзинад æмæ ацы æрдгæй сæрмгаонд хъусдард здæхт уыдис Европæйы иумæйаг базармæ Гуырдзыстоны æххæстæй интеграцийы нысаниуæгмæ.
Фарсытæ афтæма фæныхас кодтой æмгуыстады дарддæры стынг кæныны перспективæтыл æмæ фидæнон плантыл.