Илиа Дарчиашвили  еврокомиссар Кадри Симонсимæ фембæлдис
Илиа Дарчиашвили еврокомиссар Кадри Симонсимæ фембæлдис

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили, Брюсселмæ  визиты фæлгæтты, энергетикæйы фарстаты  еврокомиссар   Кадри  Симонсимæ фембæлдис.

Фембæлды рæстæджы фарсытæ  фæныхас кодтой  еврокомиссийæ бæрæг 12  рекомендацийы æмæ Гуырдзыстоны  æрдгæй сæ сыххæсты  цыдыл. Гуырдзиаг фарс еврокомиссарæн   ноджы иу  хатт  равдыста  цæттæдзинад,  максималон  тыхархайд аздаха  ацы æрдæм.

Уый  æддæмæ ма  фембæлдыл   сæрмыгонд хъусдард уыд  здæхт   Гуырдзыстонæн кандидаты  статус раттыны нысаниуæгимæ æмæ   разагъдæуыд ныфс, цæмйæ бæстæйы прогресс евроинтеграцийы фæндагыл   нымадмæ ист уыдзæн æмæ æмбæлонæй  уыдзæн æвдыст еврокомиссийы  хыгъдлæвæрды.

Фарсытæ  бæзонд саргъ кодтой  Гуырдзыстон æмæ Евроцæдисы  æмгуыстадæн энергетикæйы  сферæйы æмæ   бахахх кодтой Гуырдзыстоны  рæзгæ  роль  Европæйы  энергоæдадсзинад стынг кныны  процессы, афтæма  разагъдæуыд ныфс, ома æмгуыстад энергетикæйы сферæйы  ноджы фæарфдæр уыдзæн æмæ æввахс фидæны   стратегион æмвæзадмæ схиздзæн, цæй тыххæй дæр дыууæ дæр фарс цæттæдзинад æвдисынц.

Банысанкæнинаг у  цæмæй фембæлдыл   ныхас уыд  глобалон  нысаниуæгы  энергопроекттыл, кæцыты  баст у Гуырдзыстон.  Сæрмагонд хъусдард  сцырынис  Сау Денджызы кабелы проекты нысаниуæгыл.

Уыимæ, фарсытæ  бахахх кодтой цъæх энергийы райтынг кæныны æрдгæй   евроцæдисимæ æмгуыстад фæарфдæры нысаниуæг.