Илиа Дарчиашвили еврокомиссар Кадри Симонсимæ фембæлдис
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили, Брюсселмæ визиты фæлгæтты, энергетикæйы фарстаты еврокомиссар Кадри Симонсимæ фембæлдис.
Фембæлды рæстæджы фарсытæ фæныхас кодтой еврокомиссийæ бæрæг 12 рекомендацийы æмæ Гуырдзыстоны æрдгæй сæ сыххæсты цыдыл. Гуырдзиаг фарс еврокомиссарæн ноджы иу хатт равдыста цæттæдзинад, максималон тыхархайд аздаха ацы æрдæм.
Уый æддæмæ ма фембæлдыл сæрмыгонд хъусдард уыд здæхт Гуырдзыстонæн кандидаты статус раттыны нысаниуæгимæ æмæ разагъдæуыд ныфс, цæмйæ бæстæйы прогресс евроинтеграцийы фæндагыл нымадмæ ист уыдзæн æмæ æмбæлонæй уыдзæн æвдыст еврокомиссийы хыгъдлæвæрды.
Фарсытæ бæзонд саргъ кодтой Гуырдзыстон æмæ Евроцæдисы æмгуыстадæн энергетикæйы сферæйы æмæ бахахх кодтой Гуырдзыстоны рæзгæ роль Европæйы энергоæдадсзинад стынг кныны процессы, афтæма разагъдæуыд ныфс, ома æмгуыстад энергетикæйы сферæйы ноджы фæарфдæр уыдзæн æмæ æввахс фидæны стратегион æмвæзадмæ схиздзæн, цæй тыххæй дæр дыууæ дæр фарс цæттæдзинад æвдисынц.
Банысанкæнинаг у цæмæй фембæлдыл ныхас уыд глобалон нысаниуæгы энергопроекттыл, кæцыты баст у Гуырдзыстон. Сæрмагонд хъусдард сцырынис Сау Денджызы кабелы проекты нысаниуæгыл.
Уыимæ, фарсытæ бахахх кодтой цъæх энергийы райтынг кæныны æрдгæй евроцæдисимæ æмгуыстад фæарфдæры нысаниуæг.