Илиа Дарчиашвили – æргомдзинады закъоны Евроцæдисы уæнгдзинадыл бадзырдты байгомимæ сбæттын, раст балæууд нæу, уый касты темæ ма хъуамæ уа
Æргомдзинады фæдыл закъоны истæмæй сбæттын евроинтеграциимæ æнæраст ахаст у æмæ уый касты темæ ма хъуамæ уа, – уый фæдыл Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министр, Илиа Дарчиашвили Гуырдзыстоны евроцæдисы минæвары абоны фидиуæныл комментарийы рæстæджы банысан кодта.
Илиа Дарчиашвилийы дзырдæй, зæгъгæ Евроцæдисы уæнг суæвынæн бадзырдты байгомы разæууæл хъуамæ уа уыцы рекомендациты сыххæст, кæцыты Евроцæдис сбæрæг кодта Гуырдзыстонæн.
«НÆ байхъуыстон!!! Евроцæдисы минæвары фидиуæнмæ, фæлæ нымайын, цæмæй ацы закъоны бадзырдты байгомимæ сбæттын раст ахаст нæу. Евроцæдисмæ нæ дарддæры интеграци баст у уыцы реформæты бонвæткимæ, кæцыты фæдыл æрдырдтам æмæ нын ис рекомендацитæм æмбæлгæйæ. Мах ацы процессы фæдыл цæуæм, стыр бæрнæй стæм алы хæсистыл, кæцыйы нæхимæ систам æмæ уый сыххæст кæндзыстæм, кæцы æнæмæнгæй сæйраг домæн хъуамæ уа, цæмæй Гуырдзыстон ахиздзæн дарддæры фазæмæ. Уый у бадзырдты байгом. Ацы закъоны истæмæй сбæттын Евроинтеграциимæ æнæраст ахаст у æмæ нымайын, цæмæй уый ма хъуамæ уа касты темæ. Закъонопроеты тыххæй загхтам, цæмæй сæйраг у æргомдзинад. Æргомдзинад у бындур Гуырдзыстоны Европаг интеграцийæн. Алчи хæсджын у, уа бæрнон гуырдзиаг адæмы раз. Ацы закъон ма хъуамæ фæкуылмпы кæна æмæ нæдæр фæкъуылымпы кæндзæн евроинтеграци. Ацы процесс æнгом баст у рекомендацитимæ, кæцытæ нын ратта Еврокомисси æмæ уый Евросовет дæр сбæлвырд кодта. Уый тыххæй дæр, нæ европаг интеграци баст у уыцы бонвæткыл, кæцыйыл æрдзырдтам нæ европаг партнертимæ. Æргомдзинады закъон та нæ бæстæйы фылдæр æргомдзинад æмæ европаг стандарты лæггадгæнæг у», – райхъусын кодта Илиа Дарчиашвили.
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Павел Герчински райхъусын кодта, цæмæй «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонопроект европаг нормæтимæ æмæ хæзантимæ нæбадгæ у. Афтæма йæ дзырдæй,зæгъгæ «сæрмагондæй та нырыккон контексты, еврокомиссийæн тынг зын уыдзæн, сараза æвæрццаг аргълæвæрд ацы закъоны райста цауы».