Идлибы рæмыгъды фæстиуæг 11 адæймаг фæмард

Идлибы рæмыгъды фæстиуæг 11 адæймаг фæмард

Тохгæнджыты контролгонд горæт Идлибы рæмыгъды фæстиуæг иууæндæс адæймаг фæмард. Ноджы  80-йæ фылдæр  фæцæф. Уый фæдыл информаци Сирийы адæймагы барты хъахъæды цæстдарæг къорд парахат кæны.

Гражданон хихъахъæнады къордтæ исынц хайад æххуысгæнæг мадзæлтты. Сæ информацимæ гæсгæ 110 адæймагæй фылдæр баййæфта зиан.