Иаго Хвичиа - Алкæмæн æнхъарæм рацæуæн, афтæ сраст кæнæм фæстиуджытæ, цæмæй æвзæрстыты дыккаг турæн исты нысаниуæг уа
«Гирчийы» уæнг Иаго Хвичиайы фидиуæнæй, зæгъгæ 31 октябры æвзæрстытæн легитимаци нæй, кæцы алкæмæн у бæрæг. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ сырæзт уавæрæй рацæуæн у вазыгджын æмæ дæргъвæтин процесс, фæлæ иууыл цъус, ацы процесс хъуамæ райдайæт æвзæрстыты фæстиуджыты афтæ сраст кæнынæй, цæмæй дыккаг туры аскуыддзаг уа чи баззайдзæн хицауады æм кæй бахъæудзæн ацæуын.
Хвичиайы ныхæстæм гæсгæ, растдæр уый фæстæ парламент хъуамæ снысан кæна уæлрадон æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытыл.
«Ацы бæстæйы адæймæгтæм уыд æнхъæлц, ома уыдаит ныхæй-ныхмæ тох политикон партиты æхсæн, кæцыты амонд æнæмæнгæй дыккаг туры аскуыддзаг уыдаит. Алкæмæн бæрæг ссис, цæмæй «Гуырдзиаг Бæллицц» ауагъдта сегасдæр æвзæр æвзæрстытæ.
Ахæм уæлахиздзинæдтæ, ахæм хицауадтæ сты сегасдæр знаггадгæнæг ацы бæстæйæн, райдайдзæн æхормагдзинад, экономикон стагнаци, бынтон ныфссастдзинад, уымæн æмæ ницы перспективæ зыны. «Гуырдзиаг Бæллицц» коммунизммæ, иупартион хицаудзинадмæ нæ æрыздахта, алцыппæт у 100% Гуырдзиаг Бæллиццы аххос. Алы кризис, кæцы бæстæйы райдайдзæн, куыд ерын, афтæ уалдзæджы дæр, уыдзæн Гуырдзиаг Бæллиццы аххосæй æмæ горизонтыл та уый алыг кæнынæн ницы фæндаг зындзæн, уымæн æмæ Къобахидзе-Талакъвадзе кæсынц кæрæдзимæ парламенты. Ницы перспективæ, бынтон ныфссасты æнкъарæн ис, ацы хабар фæуыдзæн афтæ æмæ кæнæ Астæу Азийæ фестдзыстæм, кæнæ та революцийæ, мах та иунæг ацы варинат дæр нæ фæнды.
Уый тыххæй уын алкæмæн æхъарын рацæуæн, афтæ сраст кæнæм ерын æвзæрстытæ, цæмæй дыккаг турæн уа исты нысаниуæг. Чи баззайдзæн бæстæйы хицауады æмæ чи ацæудзæн, уый аскуыддзаг уæт дыккаг туры, уымæй фыццаг туры цыдæр реабилитацийау нын рауайдзæн, фæлæ æххæст нæ. Уый фæстæ, ацы парламент ахæм формæйæ куы æрымбырд уыдзæн, уæд сегасдæр сæйраг, цæуыл хъуамæ хъуыды кæна парламент, у уый, цæмæй ауадза уæлрадон, æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæ, ацы æвзæрстыты легитимацийы гæнæн нæй. Кæд дыккаг тур ауадздзыстæм куыд æмбæлы афтæ, уæд «Гуырдзиаг Бæллиццы» уæлидзинад нал уыдзæн ахæм цæмæй парламенты иупартион хицаудзинад райса» – фехъусын кодта Иаго Хвичиа.