Гватемала туризмы министр -  æхсызгон мын  у, цæмæй Гуырдзыстоны зонгæ кæнын  фæлтæрддзинадимæ, туризмы бон мах ныхас кæнæм  сабырады нысаниуæгыл, кæцы  сæрмагондæй æнæмæнгхъæугæ у туризмæн
Гватемала туризмы министр - æхсызгон мын у, цæмæй Гуырдзыстоны зонгæ кæнын фæлтæрддзинадимæ, туризмы бон мах ныхас кæнæм сабырады нысаниуæгыл, кæцы сæрмагондæй æнæмæнгхъæугæ у туризмæн

Туризмы  националон  администрацийы  информацийæ,  дунейы  туризмы  бонмæ нывонд   мадзалы  фæлгæтты  Гуырдзыстонмæ ныридæгæн фæуазæг ис  40 бæстæйы  бæрзонд рангы   минæвар,  министр  æмæ 300  делегат.  Уазджыты нымæцы ис   Гватемалайы  туризмы  министр  Харрис Визбек, кæцы  аргълæвæрд дæтты Гуырдзыстоны  ИНО-йы  Дунейы туризмы  организацийы  мадзалæн.

«Гуырдзыстоны  фыццаг хатт дæн,  мæ  бæстæйæ  сымахмæ  фæндаг  тынг  даргъ у, фæлæ  нын  бирæ иумйаг ис,   махæн ис иттгæ рагон истори, дыууæдæр бæстæ  номдзыд  сты   хæринæгтæй, традицитæй, ацы  дыууæдæр æрдæмад  сæрмгаонд  скæны, дыууæдæр туристон бæстæ  автотентондзинадæй  хицæн кæнынц, кæцыйы  агурæг сты бæлцæттæ. Æхсызгон мын у  Гуырдзыстоны  кæй  зонгæ кæнын уыцы фæлтæрддзинадимæ, кæцы  уæ  бæстæйæн ис.   Афтæма уыцы  министрты, коллегæты  цæстæнгæстимæ кæцытæ  ам æрымбырд сты.   Ацы  мадзал иттæг нысаниуæгджын у,  уымæн æмæ бирæ фæныхас кæнæм   сабырады  нысаниуæгы фæдыл, кæцы  сæрмагондæй     æнæмæнгхъæугæ у  туризмæн» – райхъусын кодта Гватемалайы  туризмы министр.

27 сентябры  ИНО-йы  Дунейы туризмы  организацийы  эгидæйæ  плангонд  мадзалы  Гуырдзыстоны  премьер-министр  Ираклий КЪолбахидзе, ИНО-йы  дунейы  туризмы организацийы   генералон нымæрдар Зураб Пололикащшвили  æмæ  Сауды Аравийы  туризмы  министр Ахмед  Ал Хатиб   байгом кæндзысты.