Гуырдзыстоны вакцинацийы программæ стынг кæнынæн, Дунеон Банк 34.5 милуан доллары уæлæмхас финансдзинад рауæлдай кодта
Гуырдзыстоны вакцинацийы программæ адарддæр уыдзæн Дунеон банкæйы лæвæрд 34.5 млн АИШ доллары бæрц уæлæмхас финансгондæй. Уый фæдыл информаци хъусын кæны Дунеон Банк.
«Абон цы уæлæмхас финансдзинад сфидар ис уый сæйраг нысан у COVID-19-ы вакцинæты æмбæрцæй рæувадатдзинад сифтонг кæнын, Гуырдзыстоны вакцинацийы системæйы стынг кæнын вакцинæйы эффективон фæлхаскæнынад баахъаз кæнынæн, афтæма, COVID-19-ы дзуаппон мадзæлтты сфидар кæнын. Ацы æххуысы фæрцы Дунеон Банк хайбавæрд кæны Гуырдзыстоны хицауады планы сæххæсты, кæцы 2021 азы цæрджыты 60% вакцинаци дары йæ хъуыдыйы», – хъусын кæнынц Дунеон Банкы.
«Дунеон Банк иуæй-иу фыццаг æхсæнадæмон финансон институт уыд, кæцы Гуырдзыстонæн баххуыс ис кризисы тæккæ райдайæнæй COVID-19-ы ныхмæ цырд реагирдзинады проекты фæрцы æмæ ныр ацы уæлæмхас финансдзинадæй, хицауадæн вакцинацийы планы реализацийы баххуыс уыдзыстæм. Пандеми фыццаджы дæр стыр уæзæй ссис бæстæйы экономикæйæн, адæмæн æмæ кондадтæн, уый тыххæй вакцинацийы фидар планæн скуыддзаггæнæг нысаниуæг ис Гуырдзыстоны цырд æмæ æнæфæцудгæ сæндидзын кæнынæн æмæ сегасдæр ахсджиаг, адæймæгты цард фервæзынкæнынæн», – банысан кодта Хуссар Кавказы Дунеон Банкы регионон директор Себастьян Молинеус.