Дунеон Банк – пандемиимæ баст рискытæ  Гуырдзыстоны  арфдæр кæнынц  гендерон æнæмсæрад
Дунеон Банк – пандемиимæ баст рискытæ Гуырдзыстоны арфдæр кæнынц гендерон æнæмсæрад

Фæстаг  азты дæргъы  Гуырдзыстоны фиппайд цæуы   нысаниуæгджын экономикон  рæзынад æмæ  мæгуырдзинады  фæкаддæр, фæлæ ацы   процессы   пайда æнæмбæрцæй  адих ис  нæлгоймæгты æмæ сылгоймæгты  æхсæн, –  уый фæдыл  банысангонд у  Дукнеон Банкы  публикацигонд  хыгъдлæвæрды «2020 азы  Гуырдзыстоны гендерон аргълæвæрд» .

Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ,   Гуырдзыстоны   мæгуырдзинады  бæрæггæнæн   сылгоймæгтæн   нысаниуæгджынæй ивы, кæцы  баст у  цы ахуырад сæм ис,  уыимæ, бинонджын у æви нæ,  æмæ социалон-демографион  миниуджытимæ.

Хыгъдлæвæрды  куыд у банысангонд,  афтæмæй,   гендерон   æмсæрады  цæстæнгасæй  цы  прогресс ис,  уымæ нæкæсгæйæ,   COVID-19-æй расайгæ   кримзисы уавæрты  бæстæ стагнацийы  æмæ  иуæй-иу сферæйы   фæстæмæ змæлды рискы раз дæр ралæууыд.

«2020 азы  Гуырдзыстоны гендерон аргълæвæрдмæ» гæсгæйæ, сылгоймæгтæн экономикон фадæттæ, нæлгоймæгтимæ  абаргæйæ  уый бæрц  рæувадат не сты.

Гуырдзыстоны  гендерон  æнæмсæрад кусæн ресурсты  хайады цæстæнгасæй, 19 процентон  иуæгы  бæрц у, мызды  тыххæй  куы зæгъæм,  нæлгоймæгты  мызд 16% бæрзонддæр  у  сылгоймæгты мыздæй,  демографион æмæ  фæллойады  бæрæггæнæнтæ хынцгæйæ», – хъусын кæны    Дунеон  банкы  экономист  Алан Фукс Тарловски.

Афтæма  ацы  иртæсæнмæ гæсгæйæ, COVID-19-ы  пандемийы  райдайыны фæстæ  сылгоймæгтæ  фылдæр   уадзынц  сæ куыст, нæлгоймæгтимæ абаргæйæ.  Уымæй  уæлдай ма,  æндæр  бæстæтау,  арæнгонд  бæрæггæнæнтæ  фылдæр  сты  барьер Гуырдзыстоны  гендерон  тыхмидзинады (GBV) бацахуыры  æмæ  йыл реагир кæныны  цæстæнгасæй.  Рæувадат  бæрæггæнæнтæ та  амонынц, цæмæй  слыгоймæгты  6 процент  физикон æмæ/кæнæ  сексуалон  тыхмидзинад хатынц  сæрмагонд  партнеры æрдгæй. Арæх нæ цæуы  гендерон  тыхмидзинады фæдыл  информацийы бадæттын  фæнысангонд  проблемæ  аскуыддзаг кæнынæн уæвæг политикæ æмæ сервисты  райтынгмæ нæкæсгæйæ.