Ковиды ныхмæ вакцинæтæ гæнæн ис бавæрын æртæ хъауджы температурæйы, ис æмбæлон инфраструктурæ, цæмæй Гуырдзыстон райса æртæ дæр типы вакцинæ, – уый фæдыл низты контролы националон центры хæцгæ низты департаменты къухдариуæггæнæг Хатуна Захашвили райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ ныр Гуырдзыстоны бацæттæгæнæн куыстытæ цæуынц, цæмæй æмбæстæгтæн вакцинæ лæвæрд æрцæуа афоныл æмæ æдасæй.
«Ныр стæм æнхъæлмæ касты рæжимы. Гуырдзыстон у «Коваксы» платформæйы уæнг, цы ран фыццагон бахæссинаг бæстæ бафыста æмæ æнхъæлмæ кæсы вакцинæ æрласынмæ. Гуырдзыстон лæууы зæгъæм ахæм бæстæты рæнхъы, кæцытæ ацы платформæйы уæнгтæ сты æмæ вакцинæмæ æнхъæлмæ кæсынц. Иннæрдгæй, Гуырдзыстон амал кæны индивидуалон бадзырдтæ вакцинæгæнджытимæ, æндæр æмæ æндæр бæстæтимæ æмæ архайы, ноджы уæлæмхас дозæтæ æрласын», – райхъусын кодта Захашвили.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ цух нæу, цæмæй Гуырдзыстоны коронавирусы ныхмæ вакцинæ уалдзæджы онг фæзына. Уый ма бафтыдта, цæмæй бæстæмæ цы вакцинæ æрласдзысты уый уыдзæн æдас.