Гуырдзыстоны уæлрадон уавæр æмæ коменданты сахат ивд æрцæудзæн 23 майы
Гуырдзыстоны уæлрадон уавæры режим фæуд кæны 23 майы. Президенты декрет уæлрадон уавæр расидыны фæдыл, архайы 22 май нымайгæйæ.
Уымæ гæсгæ, уæлрадон уавæры фæлгæтты архайæг арæнæвæрдтæ, сæ нымцы коменданты сахат, сом 22 майы дæр архайдзæн æмæ йæ 23 майæ та аивдзысты.
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа хицауады абоны рабадтыл куыд райхъусын кодта афтæмæй, хицауад зæгъгæ рахасста уынаффæ, мауал адарддæр уа уæлрадон уавæр æмæ коменданты сахат.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, уæлрадон уавæр аивдмæ æнæкæсгæ, æнæмæнгхъæугæ у элементарон æгъдæуттæ хъахъхъæнын, кæцытæ «ратдзысты фадат фæуромæм æмæ контрол кæнæм вирусы парахаты темп». Преьер-министры æмбарынгæнæнмæ гæсгæ, æмбæлгæ закъондæттæн фæлгæт бакусынæн зæгъгæ, хицауад нырид баздæхтис парламентмæ.
«Ацы æркуырдæй мах баздæхтыстæм парламентмæ, фæнысангонд куыст ныртæккæ цæуы æмæ нæ ныфс ис, бæрæг арæнæвæрдтæ, кæцытæ æнæмæнгхъæугæ сты æнæнизхъахъхъæды сферæйæн, ивд не рцæудзысты» – бафтдыта ма Гиорги Гахариа.