Гуырдзыстоны туристон  потенциалимæ æрзонгæ сты Хуссар Кореяйы
Гуырдзыстоны туристон потенциалимæ æрзонгæ сты Хуссар Кореяйы

Гуырдзыстоны туризмы националон администраци Хуссар Кореяйы, Илсаны,   Азийы  иуæй-иу  сегасдæр егъау  туристон равдыст  «Korea International Tourism Show»-ы райста хайад.

Туристон равдыстыл Гуырдзыстон Кореяйы  Республикæйы  Гуырдзыстоны минæварады  æмархайдæй  ралæууыд.   Korea International Tourism Show-ыл  Гуырдзыстоны  стенды  цур уазджытæн   уыдис фадат   базонгæ уыдаиккой  Гуырдзыстоны  туристон продукттимæ.

Равдысты фæлгæтты,  Кореяйы  Респуликæйæ  туристон  къадаты æрбаласыны  нысанæн, туризмы  националон администрацийы  минæвæрттæ  фембæлдтæ  ауагъдтой  (КТО)-ы Кореяйы туризмы организацийы æмæ Азийы  æмæ Æввахс Скæсæны  департаменты  директоримæ  Канг Юнгимæ æмæ туристон  компани «Hanjin travel»-ы къухдариуæггæнджытимæ. Korea International Tourism Show-мæ  50 мин  уазæг ныццыд.   Равдыстыл   Дунейы æндæр æмæ æндæр бæстæйы  500  туристон организаци æмæ компани  уыд.

Информаци хъусын кæны  Туризмы Националон администраци.