Гуырдзыстоны территорион дæттæм æрбаленк кодта Турчы æфсæддон-денджызон тыхты нау
Гуырдзыстоны территорион дæттæм æрбахызт туркаг æфсæддон-денджызон тыхты нау «TCG YILDIRIM F-243».
«Визитæн йæ нысан у, НАТО-ы операцион фадæтты концепцийæн аргълæвæрды æмæ фæстæмæ цæдисы программæйы фæлгæтты, Гуырдзыстоны арæйнон пъæлицæйы донбылы хъахъхъæды департаменты ленкæнæг фæрæзты «Очамчире» æмæ «Диоскуриайы» дыккаг æмвæзы хæдаргълæвæрды (SEL-2) ауадзын. Фæнысангонд процесс гуырдзиаг æмæ «НАТО»-ы æфсдон-денджызон тыхты сæрдарадæй æрвыст минæвæртты (аргъгæнджыты) фарсхæцынæй цæуы æххæст.
Туркаг нау Батумы наулæууæны 10 марты ныууадздзæн», – банысангонд у МХМ-ы ахæлиугонд информацийы.