Гуырдзыстоны тайландаг туристты нымæц 1231 процентæй фæфылдæр ис
Гуырдзыстоны туризмы национ администрацийы бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ, визиторты нымæц Тайландæй 1231 процентæй райрæзтис. Кæд 2018 азы ноябры Гуырдзыстонмæ азиаг бæстæтæй 145 æмбæстаг фæуазæг, уæд цæугæ азы ноябры ацы бæрæггæнæн 1930-ы онг сырæзт.
Январ-Ноябры Тайландæй Гуырдзыстонмæ æрцыд 10 011 æмбæстаг, кæцы ивгъуыд азы 11 мæйы бæрæггæнæнтæй 234.4 процентæй фылдæр у.
Афтæма, декабры кæрон тайландаг авиакомпани «Тай Эаразиа» (Thai AirAsia X) Гуырдзыстоны æрдæм комкоммæ чартерон рейсытæ æххæст кæнын райдадзæн. Бангкок-Тбилис-Бангкок рейсытæ 25,27,28 æмæ 29 декабры æмæ 1-аг, 2, æмæ 6 январы (æхсæз тахты) сæххæст уыдзæн. Чартерон рейсытæ «Эарбасы» типы хæдтæхæгæй сæххæст уыдзысты æмæ Гуырдзыстонмæ туристтæ æрласыныл ориентацигонд уыдзысты.