Гуырдзыстоны  тайландаг туристты  нымæц  1231 процентæй  фæфылдæр ис
Гуырдзыстоны тайландаг туристты нымæц 1231 процентæй фæфылдæр ис

Гуырдзыстоны   туризмы национ   администрацийы  бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ,    визиторты  нымæц   Тайландæй   1231 процентæй райрæзтис.   Кæд 2018  азы   ноябры   Гуырдзыстонмæ азиаг бæстæтæй  145  æмбæстаг фæуазæг,  уæд цæугæ   азы  ноябры   ацы  бæрæггæнæн   1930-ы  онг  сырæзт.

Январ-Ноябры   Тайландæй   Гуырдзыстонмæ æрцыд 10 011 æмбæстаг,  кæцы  ивгъуыд азы   11  мæйы  бæрæггæнæнтæй  234.4 процентæй  фылдæр у.

Афтæма, декабры кæрон   тайландаг  авиакомпани  «Тай Эаразиа» (Thai AirAsia X) Гуырдзыстоны æрдæм   комкоммæ чартерон  рейсытæ æххæст кæнын райдадзæн.  Бангкок-Тбилис-Бангкок  рейсытæ  25,27,28 æмæ  29 декабры æмæ  1-аг, 2, æмæ 6 январы  (æхсæз  тахты)  сæххæст уыдзæн.  Чартерон рейсытæ «Эарбасы»  типы  хæдтæхæгæй  сæххæст уыдзысты  æмæ Гуырдзыстонмæ  туристтæ æрласыныл ориентацигонд уыдзысты.