Гуырдзыстоны «Синофармы» вакцинæйæ иммунизацийы процесс абонæй райдыдта.
Низты контролы æмæ æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды националон центры информацийæ, абон «Синофармæй» вакцинаци райдайдзæнис иммунизацийы процессы баст 30 уагдоны, низы ныхмæ æфтауæг 33 бригадæимæ, æрмæст 5 майæ та сæм бамхас уыдзæн ноджы 44 медицинон уагдон.
09:30 сахатыл централон университетон клиникæйы (Республикон Рынчындон) «Синофармæй» иуæй-иу фыццаг йæхи низы ныхмæ бафтыда Амиран Гамхърелидзе.
Иммунизацийы советы уынаффæйæ, «Синофармæй» вакцинацийы фадат ис 18 аздзыдæй хистæр æмбæстæгтæн. Вакцинацимæн хъæуы специалон порталыл регистраци ацæуын æмæ визиты рагахст. Уыимæ иумæ, кæй фæнддзæн уыдонæн ис фадат регитсрацийæн адзурой номырмæ 15 22.
Низты контролы националон центры куыд банысан кодтой афтæмæй, Гуырдзыстоны «Синофармæй» вакцинацимæ 18 аздзыд карæй уæлдæр æмбæстæгты регистраци активонæй цæуы æмæ 27 апрелæй регистраци ацыд 17 613 æмбæстаг.
«Синофармы» вакцинæ 45-ы онг бæстæйы банымадтой æмæ дзы фæлхас кæнынц. Китай æмæ Китайы æддæйæ 200 милуанæй фылдæр дозæ у арызт», – хъусын кæнынц низты контролы националон центры.