Гуырдзыстоны сфиксир ис дыууæхаттонæй вакцинацигонд уæнгы мæлæты факт
Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзейы фидиуæнæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны дыууæхаттонæй вакцинацигонд уæнгы мæлæты цау сфиксир ис, фæлæ паникæйæн ницы бындур у, уымæн æмæ ахæм факттæ дунейы æрмæст иугай сбæрæг вæййынц æмæ фылдæр та вакцина адæймагы иргъæвы леталон фæстиуæгæй.
«Ахæм цау сфиксир ис, уый у тынг хъыгаг факт, фæлæ Дунейы дæр ахæм иугай цаутæ фиксир вæййынц, афтæ уыд Гуырдзыстоны дæр, фæлæ уый ма хъуамæ суа паникæйы бындур, уымæн æмæ уый у 0,001%. Фылдæр, вакцина адæймаджы иргъæвы леталон фæстиуæгæй. Ацы пациенттæн уыд цæрынмæ нæбадгæ æндæр æмæ æндæр зиæнттæ, кæцы уыд сæ хроникон низтæй равзæргæ æмæ ахæм цауы дохтырты тыхархайд уыд æнæфæстиуæг», – райхъусын кодта Тъикъарадзе.