Гуырдзыстоны регбистты æмбырдгонд Румынийы басаста æмæ финалы ахъаззæн
Гуырдзыстоны регбистты æмбырдгонд Европæйы Чемпионаты æрдæгфиналы, Тбилисы «Авчъалайы» стадионыл, Румынийы æмбырдгондæн сфысым кодта, 31:7 басаста æмæ 19 марты Португалийы ныхмæ финалы ахъаздзæн.
Регби Европæйы Чемпионаты финалы балцæгæй уæлдай ма, гуырдзиаг регбисттæ 16-æм хатт рамбылдтой Антимоз Ивериелийы номыл кубок, кæцы 2002 азæй гуырдзиаг фарсы инициативæйæ Гуырдзыстон æмæ Румынийы фембæлдты, (Дунейы кубокы эгидæйæ уагъд матчтæй цух) цæуы уагъд, румынæгтæ ацы кубок рамбылдтой 6 хатт.
Афтæмæй 19 марты Испанийы горæт Бадахосы, регби Европæйы Чемпионаты финалы, Гуырдзыстоны æмбырдгонд Португалиимæ фембæлдзæн. Фембæлд Тбилисы рæстæгæй 23:00 сахатыл райдайдзæн. Уæдмæ та 20:15 сахатыл, «Бронзæ финалы» кæрæдзиимæ схæцдзысты Испанийы æмæ Румынийы æмбырдгæндтæ.