Гуырдзыстоны рæстдинон аргъуан абон «Сыгъдæг 12 апостолы æмбырды», – Светицховлоба бæрæгбон кæны. Светицховелийы кафедралон аргъуан арызт у 12 апостолы номыл, цæй тыххæй дæр 13 июлы бæрæгбон Светицховлобайæ дæр схонынц.
Сыгъдæг Евангелимæ гæсгæйæ, Йесо Чырысти 12 апостолы равзæрста. Уыдонæй сæ иу Иуда Искариотаг æй стæй гадзрахатæй рацыд. Стæй уый бæсты Царддæттæг Матфейы равзæрста кæцы чырыстон дин амыдта Гуырдзыстоны. Ацы бон аргъуан сыгъдæг апостолты: Петр æмæ йæ фсымæр Андрейы, Иаковы æмæ йæ фсымæр Иоаны, Филлиппы, Варфоломейы, Фома, Матфейы, Иаков Алфесы, Иуда Иаковы (Феддейы) Симон Хæлæггæнæгы æмæ Матфеийы мысы.
Светицховлоба афæдзы мидæг дыууæ хатт сбæрæгбон кæнынц, -14 октябры æмæ 13 июлы.