Гуырдзыстоны прокуратурæ 2019-æм азы Чорчанайы хъæуы цур полицийы уадзæн пункты байгомимæ баст фæдагуырды фæдыл расидæн парахат кæны
Гуырдзыстоны прокуратурæ 2019-æм азы Чорчанайы хъæуы цур полицийы уадзæн пункты байгомимæ баст фæдагуырды фæдыл расидæн парахат кæны

Фæдæвзарæн цæуы диверсийы фактты, уæззаугæнæг уавæрты диверсийы бафæлвæрды, фæсарæйнаг организацийæн кæнæ фæсарæйнаг контролы бын организациæн знаггадгæнæг архайдтыты æххуыс, афтæ дæр Гуырдзыстоны конституцион фæтк æмæ националон æдасдзинады бындурты ныхмæ здæхт архайдтытæн æхцайы фæрæзты мобилизацийы фæдыл. Ай фæдыл информаци Гуырдзыстоны прокуратурæ парахат кæны.

Уагдоны информацимæ гæсгæ, фæдæвзарæн цæуы 318-æм статьяйы фыццаг хай, 19-æм статьяйы 2-аг хай, 318-æм статьяйы 2-аг хай, 319-æм статьяйы 2-æм хайы дæлпункт «а» æмæ уголовон кодексы 3211-æм статьяйы 2-аг хаймæ гæсгæ.

«Цæугæ фæдагуырды фæлгæтты, æндæр фарстаты æхсæн, ахуыры темæ у, Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты раздæры министр, Гиоргий Гахариайы æрдыгæй 2019 азы 24 августы хъæу Чорчанайы цур оккупацион хаххыл цы архайд сарæзтой, уый. Гуырдзыстоны службæ 2019 азы августы уавæрмæ гæсгæ, æрсидт æвдисæнæй.

Æхсæнады зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм, цæмæй Чорчанайы уадзæн пунктимæ баст дызæрдыггаг уавæрты ахуыр афтæ дæр цæуы Гуырдзыстоны парламенты рæстæгмæ фæдагурæн комисы форматы дæр, цы ран Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты раздæры министр уыд æмбарынгæнæнтæ раттыны тыххæй. Хицауады сæрдар Гиоргий Гахариа. Хъуыдтагы фæдыл фæдагуырд даргъ кæны, æмæ периодикон æгъдауæй æхсæнадæн лæвæрд кæндзыстæм информаци йæ прогрессы фæдыл» – ис фыст прокуратурæйы расидæны.