Гуырдзыстоны прокуратура –экспертизайы хаццæгмæ гæсгæ, Гиоргий Шакарашвилийы мæлæты аххосаг у асфиксия доны фæхуыдыгæй
Гуырдзыстоны прокуратура –экспертизайы хаццæгмæ гæсгæ, Гиоргий Шакарашвилийы мæлæты аххосаг у асфиксия доны фæхуыдыгæй
19 аздзыд мардгонд футболист Гиоргий Шакарашвилийы хъуыдтагы фæдыл прокуратурæ фидиуæн парахат кæны.
Фидиуæны ис фыст, цæмæй экспертизайы хаццæгмæ гæсгæ, Гиоргий Шакарашвилийы мæлæты аххосаг асфикси у. Афтæ дæр экспертизайæ сбæлвырд ис, цæмæй марды буарыл ис мæлæты онг цæфтæ.
«Тæрхондонон –медицинон экспертизайы хаццæг æмæ хъуыдтагы уæвæг æндæр бæлвырдгæнджыты иумæйаг анализы бындурыл, Гуырдзыстоны генералон прокуратурæ райста æскъуыддзаг Гиоргий Шакарашвилийы мæлæты хъуыдтагы фæдыл квалификацимæ уыд æфтыд фæуæззаугæнæг тыгъдады къордонæй æххæстгонд лæгмарддзинад», – ис фыст фидиуæны.