Гуырдзыстоны президенты администрацийы хъусинагæй, Саломэ Зурабишвили Тбилисæй Кишинеумæ, «Эар Молдовайы» фыццаг рейсæй атæхдзæн
Гуырдзыстоны президент Тбилисæй Кишинеумæ фыццаг рейсæй атæхдзæн, кæцыйы сыххæст кæндзæн Молдовæйы паддзахадон авиакомпани «Эар Молдовæ». Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны президенты администраци хъусын кæны.
Президент Молдовæмæ абалц кæндзæн кусæн визитæй, цы ран фембæлдтæ ауадздзæн Молдовæйы Республикæйы президент Майя Сандуимæ æмæ бæрзонддæр хицауадон гæстимæ.
Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны сæйраг горæтты æхсæн комкоммæ регулярон уæлдæфон цыды фæдыл бадзырдтæ 2022 азы зæрдæвæрæны мæййæ райдыдта æмæ æмбæлгæ уынаффæйæ, «Эар Молдовæ» тахтытæ Кишинеу-Тбилис-Кишинеуйы æрдæмадæй 2022 азы 31 октябры онг къурийы мидæг дыууæ хатт, æрмæст 2022 азы ноябрæй – къуырийы миæдг цыппар хатт æххæст кæндзæн.