Гуырдзыстоны президенты администраци  публикаци кæны Джо Байдены фыстæг Саломэ Зурабишвилимæ
Гуырдзыстоны президенты администраци публикаци кæны Джо Байдены фыстæг Саломэ Зурабишвилимæ

Гуырдзыстоны президенты  администраци Саломэ Зурабишвилимæ  Джо Байдены  фыстæг  публикаци кæны.

«Зынаргъ  президент, фæнды мæ  моментæй  спайда кæнын æмæ   америкаг адæмы номæй   равдисон  гуырдзиаг адæммы  тырнынадмæ нæ цыт, Уæрæсейы æрбабысрты æмæ дарддæр уæ  бæстæйы иу  фæндзæм хайы  окупацийы  16 азы сæрыл дæр.

Ацы бон мысæм  Уæрæсейы  æрбабысрты фæстиуæгæн  фæмардуæвджыты,  цæфты æмæ  лигъдæтты, афтæма  уынæм Кремлы  иудадзыг архæйдтытæ,  бынæттон  цæрджыты хардзыл,  райрæзын кæна   йæ  доминаци оккупацигонд регионтыл.  Иугонд Штаттæ   хъæддых лæууы  Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады  фарсхæцæгæй йæ  æхсæнадæмонæй нымад арæнты.

Фæнды мæ афтæдæр банысан кæнын  гуырдзиаг адæмы дырыс фæнд, кæцы дарддæр кæны  йæ  евро-атлантикон   тырнын æвждисын.  Иугонд Штаттæ райгонд у  демократон фидæнимæ Гуырдзыстоны  цæрджыты  æнæцудгæ иузæрдыгдзинадæй, кæцыйы  нысаниуæгджын хайбавæрд кæны  æмбæстагон  дзыллæ  хъауджы  цæстæнгасы  æмæ хъуыды равдыстæй. Ныфссаст стæм Гуырдзыстоны хицауады  антидемократон  архæйдтытæй, кæцыйы  цæвитон сты  Кремлы стилы  «фæсарæйнаг агентты» закъон æмæ Гуырдзыстоны  хицауады уæнгты  мæнг фидиуæнтæ, кæцытæ не сты  æмбæлон  Евроцæдисы æмæ НАТО-ы уæнгдзинады нормæтæм.  Нæкæсгæ  ацы къахдзæфтæм, иузæрдыг  стæм Гуырдзыстоны  цæрджыты  æмæ йæ  евроатлантикон   тырнынадимæ.

32 азон  дыууæфарсон  ахастыты  дæргъы  Гуырдзыстон æмæ Иугонд Штаттæ   иумæ хъахъхъæнæм сабырдзинад, стабилондзинад, сæрибардзинад æмæ  адæймаджы бартæ. Ацы иумæйаг   хæзнатæ иу кæнынц нæ  бæстæты æмæ зонын, цæмæй  ацы  хæзнатæ фидæны дæр  иу кæндзысты  нæ адæмты» –  дзырдæуы  фидиуæны.