Гуырдзыстоны президенты администраци «Гуырдзиаг Хартийы» къух чи бафыста уыдоны номхыгъд публикаци кæны

20:18, 03.06.2024

Гуырдзыстоны президенты админстраци «Гуырдзиаг Хартийыл» къух  чи бафыста уыдоны номхыгъд публикаци кæны.

Администрацийы хъусинагæй, Орбелианити галуаныхартийыл  къух бафыстой  политикон партитæ: «Гуырдзыстоны Цæхты Парти» – Гиа Гаечиладзе, «Рæстдзинады тыххæй» – Эка Беселиа, «Дроа»- Элене Хоштариа, «Гирчи -Фылдæр Сæрибардзинад» – Зураб Джапаридзе, «Европаг Демократтæ» – Паата Давитаиа, «Закон æмæ Рæстдзинад» – Тако Чарквиани, «Лело Гуырдзыстоны тыххæй» – Мамука Хазарадзе, «Ахали» – Ника Мелиа, «Æмбæстæгтæ» – Кетеван Туразашвили, «Ана Долидзе адæмы тыххæй» – Кахабер  Двалишвили, «Сæрибардзинад – Звиад Гамсахурдиайы фæндаг» – Ираклий Джамбуриа, «Стратегиа Агъмашенебели» – Паата Манджгаладзе, «Европаг Гуырдзыстон» – Гига Бокериа, «Республикаг Парти» – Давит  Бердзенишвили, «Иугонд Националон Змæлд» – Тина Бокучава, «Змæлд  Паддзахад Адæмы  тыххæй» – Ника Мачъутаде, «Националон- Демокративон парти» – Бачуки Кардава.

«Гуырдзиаг Хартийыл» къух бафыстой Хæдбар депуататтæ: Нато Чхеидзе, Ростом Чхеидзе, Тамар Кордзаиа, Хатиа Деканоидзе æмæ Армаз Ахвледиани.

Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили политикон партитæн архайадон план «Гуырдзиаг Харти» 26 майы  бавдыста. Саломэ Зурабишвилийы фидиуæнæй, «Гуырдзиаг Хартийы»  æвдыст у  дзыллæйы  закъаз æмæ æркуырд.

Хуыздæр