Гуырдзыстоны президенты администраци «Гуырдзиаг Хартийы» къух чи бафыста уыдоны номхыгъд публикаци кæны
Гуырдзыстоны президенты админстраци «Гуырдзиаг Хартийыл» къух чи бафыста уыдоны номхыгъд публикаци кæны.
Администрацийы хъусинагæй, Орбелианити галуаныхартийыл къух бафыстой политикон партитæ: «Гуырдзыстоны Цæхты Парти» – Гиа Гаечиладзе, «Рæстдзинады тыххæй» – Эка Беселиа, «Дроа»- Элене Хоштариа, «Гирчи -Фылдæр Сæрибардзинад» – Зураб Джапаридзе, «Европаг Демократтæ» – Паата Давитаиа, «Закон æмæ Рæстдзинад» – Тако Чарквиани, «Лело Гуырдзыстоны тыххæй» – Мамука Хазарадзе, «Ахали» – Ника Мелиа, «Æмбæстæгтæ» – Кетеван Туразашвили, «Ана Долидзе адæмы тыххæй» – Кахабер Двалишвили, «Сæрибардзинад – Звиад Гамсахурдиайы фæндаг» – Ираклий Джамбуриа, «Стратегиа Агъмашенебели» – Паата Манджгаладзе, «Европаг Гуырдзыстон» – Гига Бокериа, «Республикаг Парти» – Давит Бердзенишвили, «Иугонд Националон Змæлд» – Тина Бокучава, «Змæлд Паддзахад Адæмы тыххæй» – Ника Мачъутаде, «Националон- Демокративон парти» – Бачуки Кардава.
«Гуырдзиаг Хартийыл» къух бафыстой Хæдбар депуататтæ: Нато Чхеидзе, Ростом Чхеидзе, Тамар Кордзаиа, Хатиа Деканоидзе æмæ Армаз Ахвледиани.
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили политикон партитæн архайадон план «Гуырдзиаг Харти» 26 майы бавдыста. Саломэ Зурабишвилийы фидиуæнæй, «Гуырдзиаг Хартийы» æвдыст у дзыллæйы закъаз æмæ æркуырд.