Мæ зынаргъ æмбæстонтæ! Райгонд æмæ сæрыстыр дæн, уæ разы кæй лæууын ацы алæмæттаг Орбелианиты кæнты раз æмæ ардгæй уын афрæ кæнын 2019 азы æрлæуд. 2018 аз уыдис тынг хицæн аз мæнæн. Ай уыдис иузæрæстæгонæй уæззау цардæвзарæны æмæ стыр цины афæдз. Æууæнкы æмæ фарсхæцыны тыххæй уæ тынг райгонд дæн.
Алы фæлварæнимæ иумæ вæййы царды урок йемæ. Уый тыхæй цæмæй сом ацы фæндагыл чи ралæууа уымæ мауал баххæсса æфхæрд, хахуыртæ, фыдзæрдæдзинады æвзаг, хъуамæ хъуыды кæнæм, куыд бахъаххъæнæм закъонæй æмæ иурæстæгонæй дзырды сæрибартæ æмæ адæймаджы джелбетт, бирæ æндæр бæтстæты куыд вæййы афтæ. Афтæдæр хъуамæ ахъуыды кæнæм, куыд бахизæм нæхи мæнг информациты æмæ дезинформацийæ, цæмæй дзыллæмæ æрыздæха сабырдзинад æмæ тас мауал уа демократийæн. Ивгъуыд аз трагикон уыд уыцы бинонтæн, кæцыты хъæбултæ фæхъуыдысты æнæбæрæг наркотикты тыххæй. Уый у трагедий ацы бинонтæн æмæ трагедий у нæ бæстæйæн. Гуырдзыстонæн фесафинаг хъæбултæ нæй. Нæ хæс у фæсивæдмæ æрсидын арæхстдзинад æмæ хихъахъхъ\æнындзининадмæ, цæмæй сæхи аиуырдæм кæнæт гæндонгæнæг рæдыдæй. Фидæн фæлтæр æнтысты дæнцыл хъуамæ хъомыл кæнæт. 2018 аз гуырдзиаг спортсменты цæстæйнефенгæ уæлахиздзинæдтæ, æнтыстыты æмæ æнæниз цардуагы æртиваг фæндаг нын амонынц. Чемпион спортсментæ нын сбæлвырд кодтой, цæмæй уыдон нæ дзыллæйы æнрмæст æххæстаргъджын уæнгтæ,ф æлæ ма йæ сегасæй хуыздæр хай сты. 2018 азы æнæматериалон культурон бындарадлы номхыгъдмæ бахастой ноджы дыууæ гуырдзиаг феномен. Гуырдзиаг абеты æртæ хуыз æмæ гуырдзиаг хъæбысæйхæст Уырны мæ 2019 азы нæ культурæйы популяризаци дунейы ноджы фæтыхджындæр уыдзæн. 2018 азы ахуырады къабазы иттæг бирæ куырдиатджын æвзонгы æнтыст федтам куыд нæ бæстæйы, афтæ йæ фæсарæнты дæр. Фидæн фæлтæр дæр, кæцы ныфс мæ ис, схъомыл уыдзæн «дедаенайыл» ( мадæлон æвзагыл) уырнæг дæн, нæ бæстæйы ном размæ рахæцдзæн. 2018 азы афтæдæр хицæн кодта фæсарæнты уæвæг æмбæстонтæн, уымæн æмæ уыдонæн æндæр æмæ æндæр бæстæйы æмбæстагдзинадмæ æнæкæсгæ, гæнæн ссис Гуырдзыстоны æмбæстагдзинады æрыздахын æмæ химæ æруадзын. Уымæй фенцондæр æмæ фæтыхджындæр уыдзæн нæ бастдзинад кæрæдзимæ. Æрцæуы ног аз æмæ алкæмæн, зæрдæргомæй уын арфæ кæнын 2019 азы æрлæуд. Амондджын, бæркадджын, цинджын куыд уа ацы нæуæг аз сымах алкæмæн уый амонд уын æрхæссæд. Арфæ кæнын алкæцы æмбæстагæн, Тбилисы, Гуырдзыстоны æндæр рæтты æмæ хъæуты, арфæ кæнын бæстæйы фæсарæнты цæрæг не мбæстонтæн, арфæ кæнын бæлццонтæн, æфсæддæттæн æмæ полициæгтæн, кæцытæ ацы æхсæв дæр нæ сабырдзинад æмæ сæрфад хъахъхъæнынц. АРфæ кæнын дард ран, Малийы æмæ Афгъанистаны уæзаау уавæрты уæвæг æфсæддæттæн. Уыдонмæ фæуазæг уыдзынæн æвахс фидæны, арфæ кæнын оккупацион хаххыл, Галы æмæ Ахалгоры цæрæг нæ хъайтар адæмæн. Рфæ кæнын Абхазаг æмæ Ирон æфсымæртæн, гъе 2019 аз бафидауыны афæдз куыд уа уый амонд нын æрхæсæд. Алкæмæн уын арфæ кæнын, ацы аз сабырады, бафидауыны, баиу уыны райдиан куыд суа уый. Ног Аз арфæ кæнын Æппæт Гуырдзыстонæн».