Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Польшæмæ официалон визиты фæлгæтты, Польшæйы Республикæйы сенаты маршалимæ, Станислав Карчевскиимæ фембæлд æмæ кусæн ланч ауагъдта Польшæйы Республикæйы сеймы маршалимæ Марек Кухчинскиимæ.
Фембæлдтыл æркастысты Гуырдзыстон-Польшæйы æхсæн ахастыты ахæм нысаниуæгджын аспекттæ, кæцытæ æххæссынц дыууæфарсон æмкуысткæнынад æмæ Гуырдзыстоны европаг æмæ евроаталантикон интеграцийы фарсхæцыны фарстатæм. Ныхас уыд бæстæты æхсæн парламентон æмгуыстад рапарахат кæныны ардæмадтыл.
Гуырдзыстоны президенты делегацийы уæнг Депутат Гиоргии Вольский куыд загъта афтмæй, Гуырдзыстоны президенты визит Польшæмæ, сырæзт ноджы иу барæн саразыны нысаниуæгы рардмæ.
«Польшæйы паддзахад, й алы структурæйæ, Гуырдзыстоны позициты фæтынгдæр кæныны фарсхæцæг у, куыд евроцæдисы структурæты афтæдæр НАТО-мæ гæсгæ.
Сæрмагонд нысаниуæгджын уыд Гуырдзыстоны президенты фембæлдтæ Полшæйы парламенты къухдариуæгадимæ æмæ хæлæртты къорды минæвæрттимæ. Ныхас баххæссыд уыцы фарстатæм, кæцы нæ фидæны ахастытæм æххæссынц. Ацы ахастытæн ныридæгæн ис тынг дзæбæх бындур.
Амæй размæ парламенты сæрадр йæ къух бафыста стратегион æмгуыстады документыл, сырæзт дыууæфарсон парламентон ассамблей æмæ президент дæр растдæр ацы фарстатæм гæсгæ фæуынаффæ кодта Польшæйы сеймы æмæ сенаты минæвæрттимæ» – райхъуын кодта Гиорги Вольский.