Гуырдзыстоны президент, Польшæйы сенаты æмæ сеймы маршалтимæ
Гуырдзыстоны президент, Польшæйы сенаты æмæ сеймы маршалтимæ

Гуырдзыстоны  президент  Саломэ Зурабишвили  Польшæмæ официалон визиты фæлгæтты, Польшæйы   Республикæйы   сенаты   маршалимæ,   Станислав  Карчевскиимæ  фембæлд æмæ  кусæн ланч  ауагъдта   Польшæйы Республикæйы   сеймы  маршалимæ  Марек  Кухчинскиимæ.

Фембæлдтыл æркастысты  Гуырдзыстон-Польшæйы  æхсæн  ахастыты   ахæм   нысаниуæгджын аспекттæ,   кæцытæ æххæссынц  дыууæфарсон   æмкуысткæнынад æмæ  Гуырдзыстоны европаг  æмæ евроаталантикон   интеграцийы   фарсхæцыны  фарстатæм.  Ныхас  уыд   бæстæты æхсæн парламентон æмгуыстад рапарахат кæныны ардæмадтыл.

Гуырдзыстоны  президенты  делегацийы  уæнг Депутат  Гиоргии  Вольский  куыд загъта афтмæй,   Гуырдзыстоны президенты визит Польшæмæ, сырæзт  ноджы иу  барæн саразыны нысаниуæгы рардмæ.

«Польшæйы  паддзахад,   й  алы  структурæйæ, Гуырдзыстоны  позициты фæтынгдæр кæныны  фарсхæцæг у,   куыд евроцæдисы структурæты  афтæдæр НАТО-мæ гæсгæ.

Сæрмагонд нысаниуæгджын уыд    Гуырдзыстоны  президенты фембæлдтæ   Полшæйы   парламенты  къухдариуæгадимæ æмæ   хæлæртты къорды  минæвæрттимæ.  Ныхас  баххæссыд  уыцы  фарстатæм,  кæцы  нæ   фидæны ахастытæм æххæссынц.  Ацы ахастытæн ныридæгæн ис тынг  дзæбæх бындур.

Амæй размæ   парламенты сæрадр йæ къух бафыста  стратегион  æмгуыстады   документыл, сырæзт  дыууæфарсон  парламентон   ассамблей æмæ   президент дæр  растдæр ацы   фарстатæм гæсгæ   фæуынаффæ кодта   Польшæйы  сеймы æмæ  сенаты  минæвæрттимæ» –   райхъуын кодта Гиорги Вольский.