Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили хицаугæнæг бал æмæ оппозицимæ раздæхт. Саломэ Зурабишвили фидиуæн цалдæр минуты размæ сарызта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Гуырдзыстоны ахызтис æххæстæй парламентон æвзæрстытæм æмæ дзыллæ зæгъгæ сывзæрста бирæпартион парламент, кæцы демократондзинады ног кæпхæн у.
«Абон бæстæйæн ацы системæйы æххæстаргъджынæй скусын кæнын хъæуы. Рæстæг нал ис. Пандемийæ сæвзæргæ кризис домы эффектджын, цырдæй архайæг парламент æмæ сеппæтæй та хъуыддагджын ахаст. Политикон быцæудзинад ницы хос у ацы вазыгджын æртхъирæнæн. Бæстæйы мидæгæй, куыд æхсæнадæмон æмвæзадыл иудзинады æмæ солидарондзинады афон æрлæууы.
Абон партитыл æмæ системæйыл æвзæсртгæнджыты æууæнк тæразыл æвæрд у. Фылдæрты хайы бæрн дæр стыр у: уыйы тыхджын хъæуы оппозици, кæцы уынаффæтæ слæууын кæндзхæн фарсты æмæ критикæйы бын – уый у демократон системæты æнæмæнгхъæуындзинад. Фылдæрты архайын æнæ оппозицийæ, рæдыды стыр риск хæссы. Уыйхыгъд, парламентон дебатты режим, хаттæй-хатт карз, æнæ æрмæст кризисæн фæтк дæттынæн хъæуы, фæлæ ма иттæг нысаниуæгджын у нæ сæйраг æртхъирæнтыл фæуæлахизæн, цахæмдæр у конфликты алыг кæнын, рæзынады ног дæргъвæтин план, евроатлантикон интеграцийы фæндагыл ауадзинаг реформæтæ сплан кæнын. Ацы амбицион нысæнттæм æрцæуын, гæнæн ис æрмæст кæрæдзимæ хъусынæй æмæ иумæйаг тыхтæй»-райхъусын кодта президент.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Брюсселмæ визиты рæстæджы, ноджы иу хатт байхъусыта, цæмæй партнертæ Гуырдзыстонæй фылдæр стабилондзинады, фылдæр фæд-фæдондзинад æмæ æмуддзинады æнхъæл сты.
«Уый æрхæссæг хъуамæ уа бирæпартион парламент, раст ахæм, цахæмдæр сывзæрста нæ æхсæнад. Уый тыххæй мæ фæнды, абон дыууæдæр фарсмæ раздæхын цæмæй æмбаргæ уынафæтæ рахæссæт, кæцы бæстæйæн пайдаджын къахдзæфтæ уыдзæн æмæ нæ уыдзæн уынгæг интерестыл нымад: – оппозициммæ, цæмæй ахъуыды кæнæт, цыт кæнæт æвзæрстгæнæгæн æмæ сæ мандатæй лæвæрд хæс сыххæст кæнæт. – Фылдæртæй курæг дæн, цæмæй иупартион хицаудзинады монцы фæдыл ма ацæуæт, ма райсæт мандаттæ æруромыны æгæр рагафойнон уынаффæ æмæ раттæт оппозицийæн рæстæг, раст скуыддзаг райсынæн. Ахæм у нæ æхсæнады æркуырд æмæ æнхъæлц. Мах та алчидæр хъуамæ цыт кæнæм æмæ йæм нæ хъус дарæм» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.