Гуырдзыстоны премьер-министр нæ цух кæны уый, цæмæй ахуыры процесс, гæнæн ис, апрелы кæрон сног кæнын ма бантыса
Гæнæн ис, цæмæй апрелы кæрон ахуыры процесс не сног уа, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа, коронавирусы тыххæй арызт координацион советы рабадтыл райхъусын кодта.
«Ахуыры процесс урæд кæй æрцыд, уый зондзыстут. Уæлрадон уавæр расидтæуыд 21 апрелы онг, фæлæ цæмæй ситуацийæн аргъ скæнæм, уый тыххæй, шанс, ома апрелы кæрон ахуыры процесс сног уа, кæй зæгъын æй хъæуы, ис, фæлæ афтæдæр ис шанс, цæмæ ахуыры процесс мауал сног уа», – райхусын кодта Гахариа.
Премьер-министр координацион советы рабадтыл райхъусын кодта, цæмæй Æхсæнадон Уацхæссæджы (Æхсæнадон Телеуынынад) комкоммæ эфиры скъолаудзаутæ урокты трансляци райдайдзæн. Хицауады дзырдæй, зæгъгæ ахуырады министрады æмæ Æхсæнадон Уацхæссæджы иумæйаг инициативæ пандемийы уавæрты у размæ арызт къахдзæф.
Æхсæнадон Уацхæссæджы комкоммæ эфиры скъоладзаутæн урокты трансляцитæ, 30 мартæй райдайдзæн.