«Гуырдзыстоны Пост» телеуынынады 65 азы юбилеймæ гæсгæ Фыццаг Каналы маркæ рауагъдта. 2022 азы Гуырдзыстоны фыццаг телеуацхæссынад райдаынæй 65 аз сыххæст, уымæ æмбæлгæйæ дæр, Æхсæнадон Уацхæссæгæн æнæхъæн азы дæргъы æндæр æмæ æндæр активондзинад уыд плангонд, уый нымæцы «Гуырдзыстоны Пост»-имæ æмкуыстгæнгæйæ уагъд уыд Фыццаг Каналы маркæ.
Маркæйы эскизыл куыстой «Гуырдзыстоны Пост» æмæ Фыццаг Канал.
«Телеуацхæссынады райдаын нысаниуæгджын фæзынд у гуырдзиаг медиайы историйы. 1956 азы 30 декабры Тбилисы Телемæсыгæй фыццаг телеуынынадон сигнал уыд лæвæрд. Юбилейон аз, нæ фæндон уыд, ацы фæзынд рахатинаг скодтаиккам æмæ «Гуырдзыстоны Пост»-имæ æмкуыстгæнгæйæ уагъд æрцыд маркæ. Гуырдзыстонæн æрвитæггæгтæ сыххæст нырид гæнæн уыдзæн фыццаг уацхæссынады маркæйæ», -загъта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы генералон директор Тинатин Бердзенишвили.
Уыимæ ма, «Гуырдзыстоны Посты» генералон диреткор Леван Чикваидзейы дзырдæй, Фыццаг Каналы маркæ 25 000–ы бæрц тиражæй уыд уагъд.
«Арфæ кæнын Æхсæнадон Уацхæссæджы къухдариуæгадæн, алы кусæгæн юбилейон датæ. Раст 65 азы размæ сæххæст фыццаг комкоммæ эфиры куыст Мтацъминдайы мæсыгæй. Ивгъуыд азы «Гуырдзыстоны Посты» æмæ Æхсæнадон Уацхæссæджы коммуникацийы фæстиуæгæн сæвзæрдис идея, маркæ рауадзыны фæдыл, кæцы комиссийыл реализацигонд уыд. Дизайнерты, Шорена Хомерики æмæ Гиорги Мамулашвили æрцæттæ кодтой маркæ, кæцыйыл æвдыст у Мæсыг æмæ Æхсæнадон Уацхæссæджы логотип. Уагъд уыд 25 000 иуæг тиражæй, кæцыйы номиналон аргъ у дыууæ лари», – райхъусын кодта Леван Чикваидзе.
Маркæ нырид зилдухы ис æмæ кæй фæнды уыдонæн сæ бон у уый балхæнын «Гуырдзыстоны Посты» кæцыфæнды филиалы.