Мæ зынаргъ æмбæстонтæ, арфæ уын кæнын ног 2018 аз. Арфæ уын æрвитын уыцы залæй, цы ран сæдæ азы размæ нæ фыдæлтæ фыццаг гуырдзиаг республикæйы саразыны фæдыл расидтысты. Ацы сæдæ аз нæ бæстæйæн уыд драматон, фæлæ абон дæр мах стæм хæдбар. Стæм хæдбар æмæ тырнæм иууыл уæлдæр мысанмæ, Сæрибар Гуырдзыстоны саразынмæ.
Уый тыххæй цæмæй ацы мысанмæ бахæццæ уæм мах дзæбæх хъуамæ бамбарæм алы сидты æмæ баиу уæм иу сæйраг мысанмæ баххæссынæн. Иууыл бæрзонд нысан та у, Æнæхъæн Гуырдзыстоны саразын Абхазæгтимæ æмæ Ирæттимæ иумæ.
Цæмæй нысанмæ баххæссæм уый сæйраг фадат у, цæй зæгъын æй хъæуы бирæ тыхджындæр æмæ бирæ эффективондæр ахуырады системæ.
Ахуырады системæ, кæцы бирæ хъæддыхдæр ног фæлтæры рахъомыл кæндзæн. Иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй экономикон зындзинæдтыл фæтыхуыны тыххæй, баахъаз кæнæм амалиуæгдæртты, уыцы адæмы, кæцытæ æвзæрын кæнынц нæ бæстæйы фæллой. Иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй уыцы адæймæгтæн, кæцытæ æнусты дæргъы дарддæр кæнынц традицитæ æмæ нæ бæстæйы сæрыл хæцынц, куыд бæстæйы мидæг афтæ йæ фæсарæнты, ноджы фылдæр баххуыс кæнæм. Сегасæй сæйраг æмæ нысаниуæгджын у, райсæм нæ кæрæдзийы хъауджыдæрдзинад æмæ сразы уæм уыйимæ, цæмæй индивидуализм у нæ сæйраг хъæздыгдзинад. Ацы ныфсæй схудтон æз 2018 азы сæрибардзинадæй афæдзæй. Арфæ уын кæнын ацы аз æмæ райсут мæ уе мвæдонæй, уæ алы уыцы ног уæлахисдзинады, кæцы сæрибардзинады ныфс æмæ удæй иугонд уыдзæн.