Гуырдзыстоны парламенты уагъд цæуы Евронесты парламентон ассамблейы комитеты рабадт
Гуырдзыстоны  парламенты уагъд цæуы Евронесты парламентон ассамблейы  комитеты рабадт

Евронесты   парламентон ассамблей  Гуырдзыстоны парламенты    политикон фарстыты, адæймаджы   барты   демократийы  æмæ  энергетикон   æдадзсинады  комитетты   рабадт аразы.

Ацы нысанæй,   Гуырдзыстонмæ фæуазæг сты    европарламенты,   Украинæйы, Молдовæйы,   Азербайджаны, Сомихыстоны   парламентон делегацитæ.   Политикон комитеты    рабадтыл   кæсынц   æдасдзинады æрдгæй сидтытæ  скæсæн   партнерады  бæстæты æмæ   Евроцæдисы   ролы   фæтынгдæры  сæ  регулиркæныны  хъуыддаджы.

Энергетикон æдадзсинады   комитет  кæсы евроцæдисы  æмæ  скæсæн партнерады   бæстæты  æхсæн   цæугæ   æмкуысткæнынад  энергетикон эффективондзинады  æмæ  энергетикон   æнæцудгæдзинады  къабазы.

Евронесты   парламентон  ассамблейы   ассоциацигонд  бæстæты (Гуырдзыстон,  Молдовæ, Украинæ)ног арызт   кусæн къорд    уынафæ кæны   Евроцæдисимæ   сæрибар  базарадон    ахастыты  фæарфдæр кæныны фæдыл.

Экономикон   комитет  тæрхон кæны  комкоммæ фæсарæйнаг   инвестициты    перспективæты  Евроцæдис  æмæ   скæсæн  Европæйы   бæстæты.   Социалон комитет  та  фæуынаффæ кæндзæн   кусджыты  социалон хъахъхъæдады тематикæйыл  æмæ  туберкулезимæ тохы  методты фæдыл.