Гуырдзыстоны парламентон делегаци Азербайджаны куыстон визитæй уыд
Гуырдзыстоны парламентон делегаци Азербайджаны куыстон визитæй уыд

Гуырдзыстоны парламентон делегаци, кæцыйы сконды сты парламенты регионалон политикæ æмæ хиуынаффæйады комитеты сæрдар Кадагишвили Ираклий, парламенты ахуырады, зонады æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Миканадзе Гиви æмæ сæрдары хæдивæг Паата Салиа комитет, Азербайджаны кусæгон балцы уыд.

Парламенты парахатгонд информацийæ, визиты фæлгæтты делегацийы уæнгтæ фембæлдысты Азербайджаны парламенты сæрдар Сахиба Гафароваимæ.

Парламенты сæрдар Гуырдзыстоны депутаттæн 26-æм октябры ауагъд æвзæрстыты æмæ хицаугæнæг командæйы уæлахизы фæдыл раарфæ кодта.

Сахиба Гафаровайы ныхæстæм гæсгæ, иууыл ахсджиагдæр у дыууæ бæстæйы уæлдæр закъондæттæн органты æмархайд фæарфдæр кæнын. Йæ инициативæйæ тагъд рæстæджы дывæрсыг æмкуыстдзинады меморандум бацæттæ уыдзæн, кæцы Гуырдзыстоны парламенты сæрдармæ æркæсын æмæ къухфыстæн æрвыст æрцæудзæн.