Гуырдзыстоны парламент сбæлвырд кодта 2018 азы паддзахадон бюджеты проект
Парламент сбæлвырд кодта 2018 азы паддзахадон бюджеты проект 111 фарсхæцæг æмæ иунæг ныхмæлæууæг дæр нæ уыд афтæ. Депутаттæ фидæн азы бюджеты проектыл абоны пленарон рабадтыл æруынаффæ кодтой, кæцыйыл сын бюджетон параметртæ бавдыста финансты министр Мамука Бахтадзе.
Бюджеты проектмæ гæсгæйæ, иугонд бюджеты фидтонон æфтиæгты прогноз 10, 260 миллиард лари у, кæцы цæугæ азы сноггонд планæй – 520 милуан ларийæ фылдæр у.
Документæй, æмткæй мид продуктмæ гæсгæйæ фидтонон æфтиæгтæ 25.3 % сты. Паддзахадон бюджеты æфтиæгты та, 2017 азимæ абаргæйæ, йæ æппæт бæрцуат фылдæр кæны 943,8 милуан ларийæ æмæ баххæсдзæн 12, 441 миллиард ларимæ, уый нымæцы бюджетон суммæтæ 10,490 миллиард лари сты, æрмæст доннорты финансдзинад та у 1,951 миллиард ларийы.