Гуырдзыстоны парламент Арчил Татунашвилимæ гæсгæ резолюцийы проект 1-6 хъæлæсæй сбæлвырд кодта.
Депутаттæ документæн хал сæппæрстой абоны пленарон рабадтыл, фæлæ халæппæрсты онг, фарстыл сырæзт политикъон дебаттæ.
«Картули Оцнебайы» æмæ «Европули Сакартвелойы» иумæйагæй цæттæ документæй, Гуырдзыстоны хицауад парламентæн, оккупацигонд территоритыл Гуырдзыстоны æмбæстæгты марындзинады, скъæфты, хъизæмары, æнæгуманон ахасты æмæ æнæниздзинады уæззау базиан кæныны, афæтæдæр ацы фыдракæндты бамбæрзыны азымджын æмæ тæрхонмæ лæвæрд уæнгты номхыгъд – «Отхозориа- Татунашвилийы номхыгъд» 2018 азы 15 июны онг хъуамæ бавдиса.
Резолюцийы мидæг афтæдæр дзырдæуы, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад хъуамæ райса мадзæлттæ, æмæ æхсæнадæмон организациты æмæ партнер бæстæты æрдгæй, «Отхозориа- Татунашвилийы номхыгъды» æрнымад уæнгты æрдæм алы гæнæн арæнæвæрдты, уый нымæцы визон, мулкон æмæ финансон транзакцитимæ баст арæнæвæрдты сблвырд кæныны æмæ барады сæххсты баахъаз кæнынæн.
Афтæма, æххæстгæнæг хицауад хъуамæ фæбæрæг кæна «Отхозориа- Татунашвилийы номхыгъды» фæдыл уынаффæйы сæххæстыл бæрнон уагдонад, кæцы парламентæн уынаффæйы æххæсткæнынады фæдыл регулярон хыгъдлæвæрд дæтдзæн.
Банысан кæнинаг у уый æмæ, халæппæрсты хайад райсын сæхиуыл фæхæцыдысты «Патриотты Альянс» æмæ «Националон Змæлд».