Гуырдзыстоны паддзахадон арæныл æнæзакъононæй рахизыны æрцæттæйыл тугтæрхоны барадон  бæрн сфидар уыдзæн
Гуырдзыстоны паддзахадон арæныл æнæзакъононæй рахизыны æрцæттæйыл тугтæрхоны барадон бæрн сфидар уыдзæн

Гуырдзыстоны  паддзахадон арæныл æнæзакононæй рахизыны  æрцæттæйыл тугтæрзоны барадон бæрн   сфидар уыдзæн.  Уый фæдыл  адæймаджы  барты хъахъхъæды æмæ   æмбæстагон интеграцийы комитеты рабадтыл фæуынаффæ кодтой.

Тугтæрхоны барады кодексмæ  бахæссинаг ивддзинад  депутаттæн  мидхъуыддæгты министры хæдивæг  Александре Дарахвелидзе  базонын кодта.

«Тугтæрхоны барадон бæрн  сфидар уыдзæн ахæм къаддæр  уæззау   фыдракæнды  æрцæттæйыл, цахæмдæр сты: Гуырдзыстоны паддзахадон арæныл  æнæзакъононæй рахизын æмæ Гуырдзыстоны паддзахаон арæныл  мигранты æнæзакъононæй  ахизын кæнын кæнæ йын   Гуырдзыстоны уæвынæн æмбæлгæ  уавæртæ скæнын-баххуыс кæнын закъондæттынадæй  бæлвырд фæткæвæрд халгæйæ», – райхъусын кодта  Александре Дарахвелидзе.

Йæ дзырдæй зæгъгæ кæд æхсæнадæмон  хъахъхъæнынады фæдыл æмбæлгæ  кæронбæттæн   унаффæйæ  фæбæрæг уыдзæн, цæмæй  фæсарæйнаг кæнæ æмбæстагад кæмæн нæй  ахæм гоймагы æхсæнадæмон  хъахъхъæд нæ хъæуы, уый  не ссæрибар уыдзæн  тугтæрхоны барады бæрнæй.

Фæдагурæг органмæ лæвæрд цæуы æххæстбар, райдайа  фæдагуырд фæнысангонд  фыдракæнд æрцæттæйы  фæдыл информаци райстæй  уайтагъд.  Ивд æфхæрды иуæй-иу хуызæй  йæ хъуыдыййы дары ивар, кæцыйы  минималон   бæрц 2000 лари, рæмæст максималон бæрц  бæрæг нæу æмæ фæнысангонды сбæрæг кæны тæрхонгæнæг, фыдракæнды  уæдзы æмæ тæрхонмæ лæвæрды  материалон  уавæрмæ гæсгæйæ, кæцы сбæрæг уыдзæн йæ мулкæй, æфтиагæй æмæ æндæр аууæлттæй.  Закъонопроект  æфхæрды хуызæй  йæ хъуыдыйы дары  ахстæй  æфхæр дæр.