Гуырдзыстоны Националон Банкъ æмæ Китайы Централон Банкъы æхсæн къухфыст æрцыд æмкуыстдзинады меморандум
Гуырдзыстоны Националон банкъ æмæ Китайы адæмон банкъы æхсæн дыууæфарсон æмкуыстдзинад фæуæрæхдæр æмæ фæтыхджындæр кæныны фæдыл æмбарады меморандум бафыст æрцыд. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны Националон банкъ парахат кæны.
Уагдоны информацийæ, бадзырд Гуырдзыстоны националон банкъы президент Натиа Турнава æмæ Китайы адæмон банкъы президент Пан Гуншенг бафыстой.
Æмбарады меморандум йæ зæрдыл дары æнгом æмгуыстад дунеон финансон уавæры иумæйаг фарстытæ аиуварс кæныны, системон рискътæ фæкъаддæр кæныны, дыууæ бæстæйы æхсæн базарадон æмæ бизнесы ахастытæ фæбæрзонддæр кæныны æмæ финансон стабилондзинад фæтыхджындæр кæныны тыххæй.
Меморандумы фæрцы фарсытæ сразы сты дыууæ бæстæйы централон банкты æхсæн æмгуыстад кæнын æхцайы политикæйы фадыджы, афтæ ма дих кæнын информаци æмæ фæлтæрддзинад финансон технологиты, фиддонты системæты æмæ зынаргъ гæххæттыты базарады рæзты фадгуыты.
Уымæй дарддæр ма, сæ æмгуыстады фæлгæтты Националон банкъ æмæ Китайы Централон Банк реализаци кæндзысты иумæйаг проекттæ æмæ ахъаз кæндзысты дыууæ бæстæйы æхсæн бангон лæггæдты рæзтæн. Мандаты фæлгæтты уыдон æмгуыст кæндзысты фиддонты инфраструктурæйы райрæзт æмæ модернизацийыл, сæрмагонд хъусдард здæхт цæудзæн фиддонты системæты кæрæдзийыл бастдзинад фæбæрзонддæр кæнынмæ, цæмæй æнцонвадат уа тагъд, эффективон æмæ æдас æхсæнадæмон транзакцитæ», — ис фыст информацийы.