Гуырдзыстоны Национ Банк фæлхасгæнджыты фæдзæхсы  ног  фæлывдмигæнæгон схемæйы тыххæй
Гуырдзыстоны Национ Банк фæлхасгæнджыты фæдзæхсы ног фæлывдмигæнæгон схемæйы тыххæй

Гуырдзыстоны Национ Банк фæлхасгæнджыты фæдзæхсы ног  фæлывдмигæнæгон схемæйы тыххæй.

ГНБ-ы информацийы  куыд у банысангонд афтæмæй,  фæстаг периоды   сфиксир ис   фæлывдмигæнæгон цаутæ, кæцытæ  специалон программон   ифтонгады (уый нымæцы, AnyDesk -ы) фæрцы  цæуы  æххæст.

«Сæрмагондæй та, æндæр æмæ æндæр методæй, рекламон зылдтæй, социалон инженерийæ, æндæр æмæ æндæр инвестицийы бæсты  бæрзонд   æфтиаг райсыны  ныфсæвæрдæй æмæ æндæр методтæй – фæлхасгæнджытæн амонынц сæ электронон  мигæнæнтæм, уый нымæцы  мобилон телефонтæм  рафыссой  æмæ скусын кæной специалон программон ифтонгад/уæлæмхасæн, кæцы  фæлывдмигæнджытæн фæнысангонд    мигæнæнæй  æви æндæр  уæлæмхасæнты, уый нымæцы  мобилон банкы, а.х. смс хъусинæгты æмæ а.д.  дистанцион контролы æмæ сыл æндæвдады фадат раттдзæн.

Сфиксир ис  ахæм цаутæ дæр,  уæлдæрбанысангондмæ гæсгæйæ,  фæлывдмигæнджытæн куы бантыстис  фæлхасгæнæджы номæй  кредиты активаци, депозитты æмгъуыдагъоммæ  аскъуыныны æмæ суммæты æндæр æмæ æндæр  хыгъдтæм арвитын, уый нымæцы  виртуалон  активтæ  балхæнынæн.

Гуырдзыстоны Национ Банк   сиды æмбæстæгтæм,  сæрмгаонд хъусдард æмæ сæрхызтдзинад равдисæт   интернет/виртуалон  тыгъдады ахæлиугонд æнхъарæнтæм, афтæ куыд сæрмагондперсоналон, уый нымæцы  финансон бæрæггæнæнты  раргом кæныны рæстæджы. Фыццаджы дæр бацагурæт  публикацигæнæг компанийы нæфæсайгæдинады æмæ  куысты  фæдыл   бæрæггæнæнтæ, æрмæст кæд   компанийыл  иу бакастæй  æууæнк ис æмæ  зонгæ  у, уæд рабæлвырд кæной æнхъарæны реалондзинад  компаниимæ.

Уæлæмхас  фарстыты цауы, уæ курæг стæм, радзуарт нæм  Гуырдзыстоны Национ Банкы тæвд хаххмæ- (+995) 0322406406)»-дзырдæуы  Национ Банкы  информацийы.