Гуырдзыстоны Национ Банк «Евро 2024»-ы коллекцион  монетæ рауадздзæн
Гуырдзыстоны Национ Банк «Евро 2024»-ы коллекцион монетæ рауадздзæн

Футболы Гуырдзыстны националон æмбырдгонды  историон  уæлахиздзинады æмæ  Европæйы 2024  азы Чемпионат банысан кæнынæн, Гуырдзыстоны Национ Банк  «Евро2024»-ы коллекцион монетæ  рауадздзæн.

Информаци хъусын кæны Национ Банк.

ГНБ-ы хъусинагæй,   æмбæлгæ  уынаффæ  Гуырдзыстоны Национ Банкы  совет рахаста.  Коллекцион   монетæйы дизайныо та ГНБ  Гуырдзыстоны  Фуболы Федерациимæ иумæ  бакусдзæн.

«Гуырдзыстоны футболон æмбырдгонд  Европæйы Чемпионатл  фыццаг  хатт ахъаздзæн.   Европæйы 2024 азы  Чемпионат  Германийы   ацæудзæн  æмæ къорды   фыццаг фембæлды, Гуырдзыстоны  националон æмбырдгонд  18 июны    Турчы  националон æмбырдгондимæ  ахъаздзæн.

2022  азы  ГНБ   Гуырдзыстоны  Евробаскетæн фысым кæныны  фæдыл, «Евробаскет 2022»-ы темæйыл   коллекцион  нысаниуæгы  5 ларийы  номиналы  æвзист монетæ  рауагъдта» – банысангонд у  ГНБ-ы информацийы.