Гуырдзыстоны минæварад Испанийы уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм сиды хъæды зынгсирвæзты фæкарздæры фæдыл бынæттон хицауады рекомендацитæм байхъусын
Испанийы Гуырдзыстоны минæварад бæстæйы уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм сиды, хъæды зынгсирвæзты фæкарздæр кæныны фæдыл бынæттон хицауады рекомендацитæ сыххæст кæной.
Минæварады рапарахатгонд информацийы куыд ис фыст, афтæмæй Испанийы мидхъуыддæгты министрад расидтис бæрзонд къæрцхъусдзинады æмвæзад.
«Испанийы мидхъуыдтæгты министрад расидтис бæрзонд къæрцхъусдзинады æмвæзад Испанийы Паддзахады хъæды зынгсирвæзтыты фæкарздæры тыххæй, уæлдайдæр та бæстæйы цалдæр регионы, се æхсæн Галисийы, Кастилийы æмæ Леоны, афтæ дæр Экстремадурайы.
Уæ хорзæхæй, тынг къæрцхъус уæт, зынгсирвæзты зонæтæй хи бахизут, бынæттон хицауады рекомендацитæ æххæст кæнут æмæ куы бахъæуа, уæд бадзурут тæвд хаххы номыртæм: Гуырдзыстоны минæварад: +34691387221; Тагъд æххуыс Испанийы: 112» – ис фыст информацийы.